Хуссар Ирыстон
From Wikipedia, the free encyclopedia
Хуссар Ирыстон, кæнæ Хуссар Ир, официалон æгъдауæй Республикæ Хуссар Ирыстон кæнæ, 2017-æм азы референдумы фæстæ, Паддзахад Алани, у æрдæгпрезидентон республикæ. Ис Кавказы тæккæ астæу æмæ ахсы Стыр Кавказы хуссарварсы астæуккаг хай. Æмарæн у æрмæст дыууæ бæстæимæ: Уæрæсеимæ, цæгаты, æмæ Гуырдзыстонимæ, æндæр æрдæмты. Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Цхинвал (Чъреба). Хуссар Ирыстон ахсы 3900 км² æмæ у æппæты гыццылдæр бæстæтæй иу. Цæры дзы 60 мин адæймагмæ æввахс, æмæ уый тыххæй хауы æппæты æдзæрæгдæр бæстæтæм. Хуссар Ирыстон ахсы ахсджиаг геополитикон бынат.
Республикæ Хуссар Ирыстон | |||||
---|---|---|---|---|---|
Паддзахад Алани | |||||
| |||||
Гимн: «Уарзон Ирыстон!» | |||||
Хæдбар сси | 1990-æм азы 20 сентябры Гуырдзыстонæй | ||||
Дипломатон банымад |
ИНО-йы уæнгтæ: Уæрæсе Никарагуæ Венесуэлæ Науру Сири |
||||
Официалон æвзæгтæ | ирон, уырыссаг, гуырдзиаг[1] | ||||
Сæйраг сахар | Цхинвал (Чъреба) | ||||
Стырдæр сахартæ | Цхинвал (Чъреба), Къуайса | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Президент | Гаглойты Алан | ||||
Парламенты сæрдар | Тадтаты Алан | ||||
Премьер-министр | Бекъойты Геннадий[2] | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 3900 км² | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд (2021) | ↗56 405[3] ад. | ||||
• Сфыст (2015) | 53 532[4] ад. | ||||
• Æнгомад | 13,73 ад./км² | ||||
Валютæ | Уæрæсейы сом | ||||
Телефонон код | +7 | ||||
Сахатон таг | UTC+3:00 | ||||
Викикъæбицы медиа |
Ирон адæмы фыдæлтæ, алантæ, бæрæг сты Кавказы I æнусæй. IV æнусы гуннты бабырсты тыххæй аланты хай Кавказмæ æввахсдæр æрцардысты. Уыдонæн уым IX æнусæй XIII æнусмæ уыдис тыхджын паддзахад, Алани, кæцы ныппырх ис манголты бабырсты бын. Уый тыххæй алантæ ноджы арфдæр бацыдысты Кавказы хæхтæм, æмæ бирæтæ æрцардысты Кавказы хуссарварс, Хуссар Ирыстон кæм ис, уым. Уæдæй фæстæмæ аланты тыххæй бæрæг цъус ис. XVIII æнусы кæронмæ Ирыстон Уæрæсейы империмæ бацыдис, æмæ уым Фæскавказы ирæттæ хаудысты Тбилис æмæ Кутаисы губернæтæм.
XX æнусы райдианы æрцыд Уырыссаг революци. Уæд, Уæрæсейы импери ныппырх ис, æмæ йæ бæсты сæвзæрдис ССРЦ, кæцыйы Фæскавказы ирæттæ бахаудысты Гуырдзыстоны ССР-мæ. Уым цын 1922-æм азы рауæлдай кодтой автономи, æмæ йæ схуыдтой Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ. 1990-æм азы автономи йæхи ГССР-æй ахицæн кодта æмæ цъус фæстæдæр та ССРЦ-йæ дæр. Гуырдзыстон ууыл нæ басаст æмæ уый тыххæй хæст байдыдта, кæцыйы, бирæ зæххытæ фесафгæйæ, Хуссар Ирыстон йæ хæдбардзинад бахъахъхъæдта. Уый фæстæ, суанг 2008-æм азы йонг Хуссар Ирыстон баззадис æнæнымадгондæй. Уæд æрцыд Гуырдзыстонимæ дыггаг хæст, æмæ уым дæр Хуссар Ирыстон, Уæрæсейы æххуысæй, йæ хæдбардзинад бахъахъхъæдта æмæ йæ зæххытæ фæстæмæ байста. Уый фæстæ Уæрæсе æмæ ма цалдæр бæстæйы Хуссар Ирыстон хæдбарыл банымадтой.
Бæстæты фылдæр Хуссар Ирыстон хæдбарыл нæ нымайынц, æмæ йын уый тыххæй ИНО-мæ æмæ бирæ æндæр æхсæнадæмон организацитæм бацæуæн нæй. Хæдбарыл æй чи нæ нымайы, уыдон-иу æй официалон гæххæтыты хонынц Цхинвалы регион кæнæ Раздæры Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ.
Хуссар Ирыстон у Кавказы æдыхдæр паддзахаддæй иу, кыд экономикæйы, афтæ политикæйы дæр. Экономикæ у баст Уæрæсейыл, уымæн æмæ бюджетмæ цы ’хца цæуы, уымæн йæ фылдæр хай у Уæрæсейæ æрвыст æххуыс, æмæ импорт дæр фылдæр урдыгæй цæуы. Цæрыны уавæртæ дæр дзы Кавказы æндæр бæстæтæй æвзæрдæр сты. Культурæйæ Хуссар Ирыстон Кавказы æндæр бæстæтæй тынг уæлдай кæны, уый зыны ирон хæринæгты æмæ нозтыты, адæмон сфæлдыстады, литературæйы, ирон æвзаджы æмæ æндæрты.