Чехов, Антон Павелы фырт
From Wikipedia, the free encyclopedia
Анто́н Павелы фырт Че́хов (уырыс. Антон Павлович Чехов; райгуырдис 1860-æм азы 29 январы Таганроджы, ныры Ростовы облæсты — амардис 1904-æм азы 15 июлы Баденвайлеры, Германы империйы[8][9]) уыд уырыссаг фыссæг, прозаик, драматург, публицист[10], дохтыр, æхсæнадон архайæг[11][12][13].
Антон Павелы фырт Чехов | |
---|---|
уырыс. Антон Павлович Чехов | |
Гуырæн ном | уырыс. Антонъ Павловичъ Чеховъ |
Райгуырды датæ | 1860-æм азы 29 январы(1860-01-29)[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1904-æм азы 15 июлы(1904-07-15)[4][1][…] (44 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | журналист, фыссæг, прозаик, сатирик, драматург |
Жанр | реализм[d], уацау[d], театралон пьесæ[d] æмæ радзырд[d] |
Уацмысты æвзаг | уырыссаг[7] |
Хорзæхтæ | |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Дунейы аив литературæйы зындгонддæр классиктæй иу. Йæ уацмыстæ тæлмацгонд æрцыдысты сæдæ æвзагæй фылдæрмæ, уыцы ’взæгты ’хсæн ис ирон дæр[14]. Йæ пьесæтæ — «Кæсагдзау», «Æртæ хойы», «Балбæлæсты къох» æмæ иннæтæ — дунейы алы къуымы дæр æвæрд цæуынц театрты. Чехов, Стриндберг æмæ Ибсен нымад сты театры модернизм æрфидар кæныны стырдæр нысаниуæг кæмæ ис, ахæм автортыл[15].
Йæ сфæлдыстады 25 азы дæргъы Чехов ныффыста 500 уацмысæй фылдæр, уыдоны ’хсæн — цыбыр радзырдтæ, уацаутæ, пьесæтæ.