Баскаг æвзаг
From Wikipedia, the free encyclopedia
Баскаг æвзаг (Euskara) у баскаг адæмы æвзаг. Баскæгтæ цæрынц Баскæгты Бæстæйы. Йæ иу хай ис Испанийы цæгат-скæсæны, иннæ — Францы хуссар-ныгуылæны. У ахибаргонд æвзаг æмæ нæ хауы нæдæр индоевропæйаг, нæдæр кæцыфæнды æндæр зындгонд æвзæгты бинонтæм. Йæ генетикон уидæгтæ бæрæг нæма сты. Традицимæ гæсгæ ахуыргæндтæ хæссынц палеоиспайнаг æвзæгты нымадмæ, кæнæ та æнæклассификацигонд палеоевропæйаг æвзæгты къордмæ.
Баскаг æвзаг | |
---|---|
Хином | Euskara |
Бæстæтæ |
Испани Франц |
Официалон статус |
Баскæгты Бæстæ Наваррæ |
Дзурджыты нымæц | |
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
Ахибаргонд æвзæгтæ | |
Фыссынад | латинаг алфавит |
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | eu |
ISO 639-2 | baq æмæ eus |
ISO 639-3 | eus |
ISO 639-5 | euq |
ГОСТ 7.75–97 | бак 085 |
WALS | bsq, bqb, bqg, bqh, bqi, bql, bqn, bqo, bqr, bqs æмæ bqz |
Atlas of the World’s Languages in Danger | 415 |
Ethnologue | eus |
Linguasphere | 40-AAA-a |
ABS ASCL | 2901 |
IETF | eu |
Glottolog | basq1248 |
Википеди ацы æвзагыл |
Баскаг æвзагыл дзурджыты нымæц у 800 000 адæймаджы бæрц, сæ фылдæр (700 мин адæймаджы) цæрынц Баскæгты Бæстæйы, уыдонæй фылдæр хай (500 000) та — йæ испайнаг хайы.
Баскаг æвзагæн ис бирæ диалекттæ, æмæ уыдон кæрæдзийæ тынг хицæн кæнынц. Иумæйаг литературон æвзаг сæ бындурыл сарæзта лингвист Кольдо Мичилена 1960-æм азты. Протобаскаг æвзаджы реконструкцийыл бакуыстой Мичелена, А. Товар æмæ Л. Траск.